Имамы æхсæнвæз
Внешний вид
![](http://178.128.105.246/cars-http-upload.wikimedia.org/wikipedia/commons/thumb/d/d6/Naghshe_Jahan_Square_Isfahan_modified.jpg/300px-Naghshe_Jahan_Square_Isfahan_modified.jpg)
Имамы æхсæнвæз (перс. میدان امام); раздæры ном: Нахш-е Джаханы æхсæнвæз) — æхсæнвæз сахар Исфаханы артдзæсты, у ЮНЕСКО-йы Дунеон хæзнадоны. 1979-æм азы агъоммæ хуынди Сихы æхсæнвæз (перс. میدان شاه).
Имамы æхсæнвæз æрбынат кодта Исфаханы историон хайы, район Гольбахары. Æхсæнвæзы хуссарварс ис Имамы мæзджыт, ныгуылæнварс — Али-Гапу-йы галуан, скæсæнварс — Сих Лютфаллайы мæзджыт, цæгатварс — Стыр базар. Пысылмон революцийы фæстæ Имамы æхсæнвæзы майрæмбонты райдыдтой кæнын пысылмон ракуывдтытæ.
Æхсæнвæзы нырыккон фæлгонц сырæзтис XVI æнусы, Исфахан Сефевидты империйы сæйраг сахар куы уыди, уæд. Æхæснвæзы бæрцытæ: цæгатæй хуссармæ у 500 метры дæргъæн, ныгуылæнæй скæсæнмæ — 165 метры.